Ираклий Къобахидзе – ноджы иу хатт мæ фæнды Каха Къаладзейæн раарфæ кæнон уæлахиздзинад, кæцыйы Тбилис æмæ йæ размæцыд афтæ бирæ хъæуы иннæ цыппар азы дæргъы
Цалдæр боны размæ райдыдтам æвзарæнон кампани æмæ сæйраг сахары мэрмæ нæ кандидаты – Каха Къаладзейы бавдыстам. Ноджы иу хатт мæ фæнды Каха Къаладзейæн раарфæ кæнон уыцы уæлахиздзинад, кæцыйы Тбилис æмæ йæ размæцыд афтæ тынг хъæуы фидæн цыппар азы мидæг – – уый фæдыл парти «Гуырдзиаг бæллиццы» сæрдар, Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе, Тбилисы муниципалитеты мажоритарон æвзæрстыты кандидатты раразмæ кæныны мадзалы ныхасы рæстæджы расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Тбилис абон 8 азы размæимæ абаргæйæ бирæ рæсугъддæр, размæцыддæр æмæ цардæй йедзаг у æмæ уый фыццаджы дæр у Каха Къаладзейы фæрцы.
«Ноджы иу хатт мæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн, цæмæй Тбилис абон у бирæ рæсугъддæр, бирæ урсдæр, бирæ размæцыддæр æмæ бирæ цардæй дзагдæр у 8 азы размæй.Уый у, фыццаджы дæр, Каха Къаладзейы сгуыхтдзинад, кæцыйæн, ацы цауы, куыд хуымæтæг тбилисаг цæрæг, афтæдæр бузныг зæгъын Тбилисы уæнгтæн. æмæ Тбилисы мэрийы алы кусæг, кæцытæ æрвылбон тыхсынц горæты проблемæты æрбæстон кæныныл æмæ Тбилисы рæзын кæныныл», -расидтис Ираклий Къобахидзе.