Ираклий Къобахидзе - Нæ сæйраг рард у сæрибар, рæстаг æмæ сабырадон æвзæрстытæ саразын
Нæ сæйраг рард у, рæстаг, сабырадон æвзæрстытæ срæвдз кæнын – уый фæдыл Гуырдызстоны парламенты сæрдар ИРаклий Къобахидзе «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы уагъд брифингыл райхъусын кодта, кæцыйыл аргъ скодта æвзæрстыты агъоммæ процесстæн.
«Æнæххæст дыууæ къуыри ма баззад æвзæрстыты онг æмæ нæ фæнды ноджы иу хатт уын фехъусын кæнæм информаци цæугæ æвзарæнон процессты тыххæй. Нæ сæйраг рард у сæрибар, рæстаг æмæ сабырадон æвзæрстытæ саразын. Уый у нæ хицауады иуæй-иу ставддæр æнтыст 2012 азæй. 2012 азы фæстæ нæ хицауады уавæрты æрфидар ис æвзæрстыты ахæм режимы ауадзын. Мах кæрон скодтам æвзæрстыты фæмæнг кæныны практикæ нæ бæстæйы æмæ ацы нысан, ацы рард нын ис ныры æвзæрстыты уавæрты дæр.
Мах банхъардтам нæ оппоненттæн Европаг стилы æвзарæнон кампанийы ауадзын. Уый уыдис афтæдæр æнхъарæн нæ кандидаты, йæ фарс кæцы кандидатæн рахæцыдыстæм, кæнæ Саломэ Зурабишвилийы æрдгæй æмæ растдæр афтæ уагъд цæуыне рдыгæй Европаг стилы разæвзарæнон кампани. Фæлæ дзуаппæн æндæр исты исæм оппоненттæй. Сæ дзуапп у ахæм кампани, кæцы тынг хъауджы у европаг, ныгуылæйнаг политикон æмæ æвзарæнон культурæйæ» – банысан кодта Ираклий Къобахидзе.