Ираклий Къобахидзе – нæ иумæйаг рард у, фæкъаддæр кæнæм Гуырдзыстоны  наркотиктæй пайдакæнынад
Ираклий Къобахидзе – нæ иумæйаг рард у, фæкъаддæр кæнæм Гуырдзыстоны наркотиктæй пайдакæнынад

Гуырдзыстоны   парламенты  наркополитикæйы  фарстыл   уынаффæйы  баст уыдзæн алы  интересдарæг уæнг  –  уый фæдыл    райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе.

ЙÆ ныхæстæм  гæсгæ,   Партиархы эпистолæйы  сæйраг æрвитæггæгтæ   наркополитикæйыл куысты рæстæджы   зæрдалдард  уыдзæн æнæмæнгæй.

«Мах активон куыст  кæнæм   наркополитикæйыл.   Ныфсджын дæн,  алкæмæн дæр нын ис   иумæйаг   рард –  фæкъаддæр кæнæм   Гуырдзыстоны наркотктæй  пайдакæнынад.   Ай у номыр фыццаг   рард  æмæ афтæдæр хъуамæ уа хъахъæд адæймаджы бартæ  наркополитикæйы  фæлгæтты.  Ай у нæ сæйраг нысан.  Сæйраг у,  мах  сразы уæм  цæмæй  цы фæндæгтæй   баххæсдзыстæм ацы нысæнттæм  æнцонтæй.

Æнæмæнгхъæугæ у  бакуыстæуа   ахæм наркополитикæ,  кæцы æрыгонты баиргъæвдзæн  æмæ сæвзæрын кæндзæн  æппæрццаг  ахаст  ацы уæззау   рыны æрдæм –  уый фæдыл дзырдæуы Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккагы   цыппурсон эпистолæйы.

Эпистолæйы дзырдæуы, цæмæй адæймаг архайы,  йæхи аиуварс кæна   ацы реалондзинадæй фæлæ,  рæдыды æфтыд адæймаг  фенхъæлы цæмæй  йæ фервæзт ссардзæн наркотиктæй пайдакæнынады,  цæмæй дæр  йæ уавæр  фыддæрæй  фыддæрдæр кæны.