Ираклий Къобахидзе - Нæ инетерс уый мидæг ис, æмæ Евросоветы алы документы максималонæй уа бавдыст бæстæйы националон интерестæ оккупацигонд территориты фæдыл
Нæ инетерс уый мидæг ис, æмæ Евросоветы алы документы максималонæй уа бавдыст бæстæйы националон интерестæ оккупацигонд территориты фæдыл, – райхъусын кодта парти «Гуырдзиаг Бæллицц»-ы сæрдар Ираклий Къобахидзе Страсбургы, Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийы байгоммæ гæсгæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы.
Ираклий Къобахидзейы дзырдæй, сессийы хайад райсынæй уæлдай ма, плангонд сты дыууæфарсон фембæлдтæ Гуырдзыстоны партнертимæ æндæр æмæ æндæр бæстæтæй.
«Иттæг нысаниуæгджын сты ахæм форматтæ, ома партнертимæ ахастытæ фæарфдæр кæнæм куыд дыууæфарсон, афтæ бирæфарсон форматты æмæ уый тыххæй ацы форматæй максималонæй хъуамæ спайда кæнæм. Нæ интерес уый мидæг ис æмæ Евросоветы алы документы максималонæй бавдыст уа нæ бæстæйы националон интерестæ оккупацигонд территориты фæдыл, уым уæвæг уавæры фæдыл. Ситуаци, цæй зæгъын æй хъæуы, фæкарздæри регионы æмæ ацы рæстæджы сæрмагондæй нысаниуæгджын у, цæмæй нæ националон интерестæ максималонæй размæ хаст уа нæ партнертимæ», – райхъусын кодта Иракълий Къобахидзе.