Ираклий Къобахидзе - Нæ бæстæ сеппæтæй хуыздæр æмбары сабырады аргъ, алцыппæт аразæм сабырад фæтыхджындæр кæнынæн, кæцы тынг нысаниуæгджын у, махæн хорз кусы
Ираклий Къобахидзе - Нæ бæстæ сеппæтæй хуыздæр æмбары сабырады аргъ, алцыппæт аразæм сабырад фæтыхджындæр кæнынæн, кæцы тынг нысаниуæгджын у, махæн хорз кусы

Мах стæм ахæм бæстæ, кæцы фæстаг 35 азы цыппар æндæр æмæ æндæр хæсты рацыд, уымæ гæсгæ нæ бæстæ хуыздæр æмбары сабырдзинады аргъ. Мах аразæм алцыппæт, цæмæй нæ бæстæйы сабырад фæтыхджындæр уа æмæ цы у иттæг нысаниуæгджын уый у, цæмæй бынтон хорз архайæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Тбилисы æнæфæцудгæ размæцыды регионалон форумы ныхасы рæстæджы расидтис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг азты стыр æндæвдадмæ æнæкæсгæйæ, хицауад æрмæст сабырдзинад нæ бахъахъхъæдта, фæлæ ма Гуырдзыстонæн æнæфæцудгæйæ бантыст регионы сабырадæн æххуыс кæнын.
«Нæ уæрæх регионы æндæр æмæ æндæр хуызы зындзинæдтæ ис, æмæ ацы уавæры, Гуырдзыстон кæддæриддæр, азты дæргъы, æвæрццаг роль æххæст кодта сабырады размæцыды, æмæ уый тыххæй дæр регионы æнæфæцудгæ социалон-экономикон рæзынады сифтонг кæныны. сты бирæ хæстытæ нæ алыварс æмæ ахæм уавæры, хъæуы ныхас кæнын сабырады нысаниуæгыл»,– расидтис Ираклий Къобахидзе.