Ираклий Къобахидзе – Национ разыдзинад бирæ æнцондæр суыдзæн, политикон системæйы хай куы нал уыдзæнис фыдгæнæг тых
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, национ фидыды райдаыны инициатор Гуырдзыстоны президент æмæ йæ прерогативæ у, куыд къухдариуæг кæндзæн ацы процессæн.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» позици у ахæм, ома фыдгæнджытæн æмæ фыдракæндтæн хъæуы аргълæвæрд, кæцы рæстæджы дæр барады сегасдæр бæрзонд принципмæ æмбæлгæйæ архайын хæъуы.
«Не стæм инициатортæ, президент у инициатор, уымæ гæсгæ дæ, сæрæй кæронмæ йæ прерогативæ у ацы процесс ауадзын. Нæ позици у ахæм, фыдгæнджытæн æмæ фыдракæндтæн хъæуы аргълæвæрд, кæцы рæстæджы дæр барады сегасдæр бæрзонд принципмæ æмбæлгæйæ архайын хæъуы. «Националон Змæлды» æркуырды тыххæй зæгъæн ис, цæмæй уый сæ бонвæтк у, сæ бон у цыфæнды уый æркурын, æхсæнад та зоны, куыд уæззау фыдракæндтæ ис ацы тыхæн. Уый тыххæй дæр, хъуамæ архайæм æхсæнады æнхъæлцытæм гæсгæйæ, барады сæйрагдзинад æххæстгæнгæйæ», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Уый ма бафтыдта, цæмæй ныхас кæнынц бадзырдыл нæ фæлæ, поляризаци фæкъаддæр кæныныл. Къобахидзейы хъуыдымæ гæсгæйæ, поляризаци фæкъаддæр уыдзæн, «кæд уыцы политикон тых фæлæмæгъ уыдзæн, кæцы у фыдгæнæг политикон тых».
«Мах разыдзинадыл нæ ныхас кæнæм, дзурæм поляризаци фæкаддæрыл. Ацы æрдæм фæндаг гæнæн ис æндæр æмæ æндæргъуызон уа. Æнхъæлынц, цæмæй сæйраг фæндаг, кæцы нæ поляризаци фæкаддæры онг бакæндзæн у уыцы политикон тыхы фæлæмæгъ кæнын, кæцы у фыдгæнæг политикон тых. Поляризаци фæкаддæр уыдзæн æмæ национ фидыд дæр, бирæ æнцондæр суыдзæн, ацы фыдгæнæг политикон тых, политикон системæйы хай куынал уыдзæнис уæд», – загъта Ираклий Къобахидзе.