Ираклий Къобахидзе – «Megobari акт» æцæгæй дæр абсолютон знаггадгæнæг акт у, ацы цауы, «Deep State» Трампыл фæуæлахиз ис, фæлæ мæм ис оптимистон æнхъарæн, цæмæй Трамп «Deep State»-ы абырсздзæн
«Megobari акт» æцæгæй дæр абсолютон знаггадгæнæг акт у, кæцы ноджы иу хатт раргом кæны Оруэллы ахаст, цæмæй хæлар у знаг, хæст у сабырад æмæ афтæ дарддæр.Уый у адарддæр – расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе.
Къобахидзейы ныхасмæ гæсгæ, фæнысангонд акты райст равдыста, цæмæй «Deep State» фæуæлахиз ис.
Хицауады сæргълæууæг сиды, цæмæй йæ ныфс ис, президент Трамп «Deep State»-ыл кæй фæуæлахиз уыдзæн.
«Куыд ис гæнæн ахæм акт схонæн «Megobari акт»-æй, кæцы райдайæнæй кæронмæ æххæст у знаггадгæнæг ахастæй гуырдзиаг адæммæ æмæ сæ равзæрст хицауадмæ?» Трамп æмæ «Deep State»ы» æхсæн тох дарддæр кæны. Ахæм æскъуыддзаг куы ист цæуы, уæд уый нысан кæны, цæмæй уыцы конкретон моменты, «Deep State» Трампы администрацийыл фæуæлахиз ис. Уый федтам цалдæр боны размæ. Абон дæр ма нæ бон у зæгъын æмæ нæм ис оптимистон æнхъарæнтæ, Трампы администраци кæй фæуæлахиз уыдзæн «Deep State»ы»- ыл. Афтæ куы сырæза, уæд Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы ахастытæ фæхуыздæр уыдзысты. Ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ президент Трампы æндæвдады бын не сты, фæлæ «Deep State»ы»- ы æндæвдады бын сты. Зæгъæм, Джо Уилсон у «Deep State» райдианæй кæронмæ. Уый Трампы æндæвдады бын нæу. Ацы цауы, Deep State рамбылдта Трампы, фæлæ мæм ис оптимистон æнхъарæн, цæмæй Трамп рамбулдзæн Deep State. «Æнхъæлмæ кæсын хъæуы» – расидтис Къобахидзе.