Ираклий Къобахидзе – Мах райхъусын кодта сабырадон политикæйы тыххæй æмæ ацы приоритеттæм гæсгæйæ архайæм
Мах райхъусын кодтам сабырадон политикæйы тыххæй æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, ацы приоритеттæм гæсгæ, архайæм – уый фæдыл парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе, оккупацигонд Абхазы раздæры а.х. премьер-министры, Сергей Шамбайы интервьюмæ гæсгæ загъта.
Уымæй дарддæр ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, хаххгондæй хъуамæ загъдæуа, цæмæй ис сырх хаххытæ, кæцытæ фыццаджыдæр территорион æнæхъæндзинадимæ сты баст.
«Гуырдзыстоны прламент раззаг сессийы сбæлвырд кодта сабырадон инициативæ. Нæ политикæйы тыххæй мах райхъусын кодтам – ай у сабырадон политикæ, æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, архайæм ацы приоритеттæм гæсгæйæ. Афтæдæр сегасæй нысаниуæгджын цы у уый хаххгондæй банысан кæнын хъæуы, цæмæй нæм ис сырх зхаххытæ, кæцытæ фыццаджы дæр цæй зæгхын æй хъæуы территорион æнæхъæндзинадимæ сты баст. Ардгæй уыдзæн райдиан тæпп, уый у æнæцудгæ принцип, кæцымæ гæсгæ дæр архайæм мах» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Афтæма парламенты сæрдар куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, гуырдзиаг фарсы инцииативæйы, рапарахат уа ахастытæ адæймæгты æхсæн, Уæрæсе аразгæйæ æвæры барьертæ.
«Нæ приоритет, æмтгæй райсгæйæ у, цæй зæгъын æй хъæуы адæймæгты æхсæн ахастыты фæарфдæр кæнын, рапарахат кæнын. Хъыгагæн, ацы ахастытæн æвзæрын кæнынц аразгæ бареьртæ Уæрæсейы Федерацийæ æмæ ахæм у абоны иттæг хъыгаг реалондзинад Нæ интерес у, цæмæй максималонæй рапарахат уа адææймæгты æхсæн ахастытæ, цæмæй сæндидза æууæнк не хсæн æмæ сегасæй нысаниуæгджын раст уый у» – хъусын кæны Ираклий Къобахидзе.
Оккупацигонд Абхазы раздæры а.х. премьер-министр, Сергей Шамба, рауагъдад «Эхо Москвы»-имæ интервьюйы райхъусын кодта, цæмæй гуырдзиæгты зæгъгæ, знæгтыл нæ гнымайы æмæ йын Гуырдзыстоны хæлæрттæ дæр ис. «Гуырдзыстоны ныхмæ тохы зæгъæн ис лидер æз уыдтæн. Фæлæ афтæдæр фыццагæй райдыдтон ныхас уый тыххæй, цæмæй афон у исты амæлттæй диалог райдаын»- райхъусын кодта Шамба.