Ираклий Къобахидзе Кутаисы цæрæн комплексы арæзтад бабæрæг кодта, цы ран 720 лыгъдон  бинонтæ фатертæ райсдзысты.
Ираклий Къобахидзе Кутаисы цæрæн комплексы арæзтад бабæрæг кодта, цы ран 720 лыгъдон бинонтæ фатертæ райсдзысты.

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе, , æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министр Михаил Сарджвеладзеимæ иумæ, Кутаисы лыгъдонты цæрæн комплексы арæзтад басгæрста, цы ран 720  бинонтæ фатертæ райсдзысты.

Никиайы уынджы сарæзтой æртæ 12-уæладзыгон хæдзары. Арæзтады бюджет у 77 347 872 ларийы. Хæстæгдæр цалцæггонд фатертæ хæстæгдæр рæстæг ног арæзт бæстыхæйтты лæвæрд æрцæудзысты цæрæнуатæй чи ахицæн, уыцы бинонтæн.

Премьер  базонгæ ис, ныр  цы инфраструктурон куыстытæ цæуы, уыдонимæ. Цæрæн комплексы кæрты арæзт цæуы стадион, сывæллæттæн хъазæн фæз æмæ спортивон фæзуат. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæны  «Анаги».

Лыгъдонтæн  Гуырдзыстоны 5 горæты – Тбилисы, Борджомы, Руставы, Кутаисы æмæ Зугдиды цæрæн хæдзæртты арæзтад цæуы. Æдæппæтæй цæрæн бынæттæ райсдзысты 13 мин  бинонтæ.