Ираклий Къобахидзе  хъусын кæны, цæмæй  политикон фарсыты æхсæн бадзырдты фæстаг раунд  сом ацæудзæн
Ираклий Къобахидзе хъусын кæны, цæмæй политикон фарсыты æхсæн бадзырдты фæстаг раунд сом ацæудзæн

Парти  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æххæстгæнæг нымæрдар, Ираклий Къобахидзейы  информацийæ,  политикон  фарсыты  æхсæн   сом  бадзырдты  фæстаг раунд  ацæудзæн, уымæн æмæ  11 декабры   дæсæм æрсидты парламенты фыццаг рабадт у.

Абон пресс-конференцийыл   Къобахидзе  куыд райхъусын кодта уымæ гæсгæйæ,    зæгъгæ  цымидисон дискусситæ ацыд   æвзарæнон  реформæмæ гæсгæ, æмæ  лæмбынæг  разы  уыд  æмæ йæм ныфс ис, фæстагмæ  сразы  кæндзысты позицитæ  æвзарæнон реофрмæйы  фæдыл.

Ацы рæстæджы  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æххæстгæнæг  нымæрдары  фидиуæнæй,   зæгъгæ нæрайсгæ у  уынаффæ, ома парламентон фылдæртæ  парламентон мандатты куырдиаты бындурыл  бауромдзæн  алы уыцы депутаттæн,  чидæриддæр  парламентмæ  фæнысангонд куырдиат бавдисдзæн.

«Уымæй  уæлдай ма, паддзахад  сфинанс кæндзæн  æмæ  æндæр  æмбæлгæ  привилегитæ нæ уыдзæн уыцы  партитæн, кæцытæ  парламенты нæ уыдзысты» – райхъусын кодта  парти «Гуырдзиаг Бæллицц –дЕмократон Гуырдзыстоны»  æххæстгæнæг нымæрадр  Ираклий Къобахидзе  партийы  офисы   брифингы рæстæджы.

Оппозици  31 октябры Гуырдзыстоны ацæугæ   парламентон æвзæрстыты фæстиуджытимæ нæ разы  кæны  æмæ парламентон мандатты нæзагъд кæны.  Политикон  кризисæй  рацæуæн ссарынæн  АИШ-ы æмæ Евроцæдисы  минæвæртты æхсæны бацыдæй   цæуынц  бадзырдтæ.  Оппозицийы  сæйраг  æркуырд уæлрадон æвзæрстытæ  ауадзын у.  Фылдæры хай  та  хъусын кæны, цæмæй  уæлрадон æвзæрстытæ  ауадзыныл нæ хъуыды кæны.