Ираклий Къобахидзе - хъæуы уæлæмхас тыхархайд, цæмæй фæстагмæ аиуварс кæнæм бæстæйы раз лæууæг проблемæтæ, æмæ Мамука Мдинарадзейæн, куыд паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæг, ацы хъуыддагмæ йæ бон у серьозон хайбавæрд бахæсса.
Мамука Мдинарадзейы кандидатурæ Гуырдзыстоны парламентмæ паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæгы постыл бавдисдзыстæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе хицауады администрацийы арæзт брифингыл расидтис.
Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, уымæн ис иттæг дæргъвæтин, бирæазон барадхъахъхъæнæг органты куысты фæлтæрддзинад, кæцы тынг нысаниуæгджын у Паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæджы хæстæ æххæст кæнынæн.
«Фæстаг цалдæр мæйы махæн уыд тынг серьезон æнтыстытæ фыдракæндты ныхмæ тохы. Фыдракæндты ныхмæ тохы ахсджиаг къахдзæфтæ арæзт æрцыдысты, уыцы нымæцы коррупцийы ныхмæ тохы, наркотикон фыдракæндты ныхмæ тохы, афтæ дæр организгонд фыдракæндты ныхмæ тохы. Кæд æмæ фæстиуджытæ диссаджы сты, уæддæр хъæуы уæлæмхас тыхархайд, цæмæй фæстагмæ аиуварс кæнæм нæ бæстæйы проблемæтæ. Уырны мæ, цæмæй парламентæн уыдзæн фидар æууæнк Мамука Мдинарадзейыл æмæ мæ фæнды йæ зæрдæ раарфæ кæнон æнтыстытæ паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæгæй» – расидтис премьер-министр.