Ираклий Къобахидзе Ильхам Алиевмæ авиакатастрофæйы фæдыл мæсæллæйы фыстæг арвыста
Ираклий Къобахидзе Ильхам Алиевмæ авиакатастрофæйы фæдыл мæсæллæйы фыстæг арвыста

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Азербайджаны президент Ильхам Алиевмæ авиакатастрофæйы фæдыл тæфæрфæсы фыстæг арвыста.

Премьер-министр мæсæллæйы фыстæджы куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны хицауад æмæ гуырдзиаг адæм Азербайджаны æфсымæрон адæмы фарсмæ лæууынц.

«Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы номæй мæсæллæ кæнæм сымахæн æмæ Азербайджаны адæмæн. Ацы хъыджы рæстæджы мах лæууæм Азербайджаны æфсымæрон адæмы фарсмæ æмæ æмзæрдæ стæм марды бинонты уæнгтæн. Зианбаййафджытæн нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй тагъддæр сдзæбæх уой. «Уæ бæрзонддзинад, бар раттут сбæлвырд кæнон, цæмæй мах дих кæнæм сымах æмæ хæларадон азербайджайнаг адæмы маст æмæ æвдисæм нæ симпати ацы уæззау моментты», -ис фыст фыстæджы.

«Азербайджаны авиакомпани»-йы бæлццонласæн хæдтæхæг Казахстаны аэропорт Актауы цур æрхауд. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, пассажирон лайнеры 67 бæлццонæй 32 авиакатастрофæйы аирвæзтысты. Цæфгондтæй иуæй-иуты уавæр уæззау у. Сты реанимацийы.