Ираклий Къобахидзе – Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы номæй зæрдиагæй арфæ кæнын украинаг адæмæн сæ хæдбардзинады бон
Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы номæй зæрдиагæй арфæ кæнын украинаг адæмæн сæ хæдбардзинады бон, – уый фæдыл X-ыл фыссы Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе.
Хицауады сæргълæууæг украинаг адæмæн сабырад, стабилондзинад, дидинæфтыд æмæ рухс фидæн йæ зæрдæ зæгъы.
«Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы номæй зæрдиагæй арфæ кæнын украинаг адæмæн сæ хæдбардзинады бон, нæ зæрдæ уын зæгъы сабырад, стабилондзинад, дидинæфтыд æмæ рухс фидæн æмæ бæлвырд кæнæм нæ солидарондзинад æмæ хæлардзинад украинаг нациимæ», – нысан кæны премьер-министр.