Ираклий Къобахидзе - «Гуырдзиаг Бæллиццы» президенттæм æвзæрстытæм гæсгæ ис хъауджыдæргонд хъуыды, кæцы хуымæтæг хъуыддаг у
«Гуырдзиаг Бæллиццы» президенттæм æвзæрстытæм гæсгæ ис хъауджыдæргонд хъуыды, кæцы хуымæтæг хъуыддаг у – уый фæдыл парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фарстайыл уынаффæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» политикъон советы æмæ фылдæрты форматы ацæудзæн.
Фарстыл, зæгъгæ ис æви нæ хъуыдыты хъауджыдæрдзинад, парламенты сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй, уынаффæ цæуы цалдæр кандидатурæйыл, уымæ æмбæлгæйæ дæр, æндæр æмæ æндæр хъуыдытæ æмæ уый у абсолютонæй нормалон хъуыддаг.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, концептуалон фарста у, партийы минæвар хъуамæ уа æви нæ президенттæм кандидат. «Ацы концептуалон фарста дæр каст æрцæудзæн ацы процессы æмæ уый фæдыл дæр рахæсдзыстæм принципон уынаффæ» – загъта Ираклий Къобахидзе æмæ райхæлдта, цæмæй æндæр уынаффæйы темæ у, цас зонгæ хъуамæ уа дзыллæйæн президенттæм кандидат.
Парламенты сæрдары информацийæ, президентæм кандидаты фæстагмæ равзарыны рæстæджы, приоритетон уыдзæн йæ номдзыддзинад, фæлæ уый зæгъгæ абсолютон критерий нæ уыдзæн.