Ираклий Къобахидзе – Гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæн  сарызтам  грантон  программæ,к æцы  паддзахадон бюджетæй сфинанс уыдзæн
Ираклий Къобахидзе – Гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæн сарызтам грантон программæ,к æцы паддзахадон бюджетæй сфинанс уыдзæн

Рахастам уынаффæ, гуырдзиаг  æнæхицауадон  организацитæн  саразæм  грантон программæ, кæцыйы  æххæстæй гуырдзиæгты  фидтонты  фидджыты  æхцайæ Гуырдзыстоны  паддзахадон бюджетæй   сфинанс  уыдзæн, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзе  абоны  брифингыл райхъусын кодта.

Хицауады сæрдар куыд  банысан кодта афтæмæй,  цалдæр боны размæ  фæцис   «фæсарæйнаг  æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонæй  бæрæг   реестры   æнæхицауадон организациты регистрацион  куырдиæтты райст.

«Гуырдзыстоны юстицийы  министрады  фидиуæнæй, 450-ææ фылдæр  æнæхицауадон организаци, кæнæ та  фæсарæйнаг  финансдзинадæй  архайæг организациты стыр   хай  баздæхт.   Дзыллæйы  раз равдыст    æмбæстагон  бæрны  тыххæй  алы ацы организацийæн дзурын бузныг.  Ацы фактæй   сбæлвырд ис, цæмæй  фæсарæйнаг   финансдзинад райсын   автоматонæй  нæ  нысан кæны  фæсарæйанг тыхы æппæрццаг интерестæ ауадзын» – райхъусын кодта  премьер-министр.

Афтæма йæ дзырдæй,  банысан кæнинаг у, цæмæй æнæхицауадон организациты  регистрацийы  пароцесс  активон æлхъывды æмæ  шантажы  фоныл  цыд.  Уый тыххæй  хицауад аскуыддзаг кодта    æнæхицауаон организацитæн сараза  грантон  программæ.

Къобаидзейы  фидиуæнæй,  грантон фонды  рæстмæ кусынæн  æнæмæнæгхъæугæ  институцион  æмæ финансон  бындур   æввахс дыууæ  мæйы   дæргъы  æрцæттæ  уыдзæн, æрмæст фыццаг грантон  проекттæ  2025 азы   январæй  сфинанс уыдзысты.