Ираклий Къобахидзе – глобалон хицауады саммиты хайадист фæцис, спайда кодтам ацы форматæй нæ хъусынгæнинæгтæ нæ партнертæм бахæццæ кæнынæн
Ираклий Къобахидзе – глобалон хицауады саммиты хайадист фæцис, спайда кодтам ацы форматæй нæ хъусынгæнинæгтæ нæ партнертæм бахæццæ кæнынæн

Глобалон хицауады саммиты хайадист фæцис, ацы форматæй спайда кодтам нæ фидиуæнтæ нæ хæлæрттæм æмæ партнертæм бахæццæ кæнынæн æмæ ацы саммиты хайадист нысаниуæгджын уыд ацы æрдгæй дæр – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн Дубайы расидтис.

Хицауады сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, нысаниуæгджын у ацы регионы ахастытæ фæарфдæр кæнын æмæ дарддæр рæзын кæнын политикон партнердзинад.

« Фæцис нæ визит,  нæ хайадист глобалон хицауады саммиты. Цымыдисон саммит уыд, фадат нын уыд фембæлынæн. Фембæлд сырæзт Дубайы хицау, Иугонд Араббаг Эмиратты вице-президент æмæ премьер-министримæ, афтæ дæр Кувейты премьер-министримæ.  Махæн тынг нысаниуæгджын у, конкретонæй ацы регионы ахастытæ фæарфдæр кæнæм, ноджы фылдæр рæзын кæнæм политикон партнердзинад, рæзын кæнæм экономикон бастдзинæдтæ» – расидтис премьер-министр.