Ираклий Къобахидзе – Гиорги Маргвелашвили цы сарызта, хъыгагæн уый у Гуырдзыстоны закъондæттынады æмæ парламенты институты æнæцыт
Гиорги Маргвелашвили цы сарызта, хъыгагæн уый у Гуырдзыстоны закъондæттынады æмæ парламенты институты æнæцыт – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Ираклий Къобахидзе уый фæстæ банысан кодта, Гиорги Маргвелашили парламенты рабадты зал куы ныууагъдта уæд.
Къобахидзе куыд загъта афтæмæй, иуæй-иу закъондæттæн акт у Гуырдзыстоны регламент, ацы документæй, императивонæй бæлвырд у, дебатты аразыны процедурæ.
«Регламентмæ гæсгæйæ, нырма оацæуынц фракцитæ, уый фæстæ æндæр субьекттæ, сæ нымæцы къаддæрдæртæ, фылдæртæ, вице-спикер, æмæ уый æстæ фæвæййы раныхасгæнæгæн, президентæн, сæрмагонд хатдзæгон дзырдæй ралæуды бар. Регламенты раст арызт у дебатты процедурæ» – Загъта Къобахидзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, президентмæ ис цыфæнды фæрæз, цæмæй алы фарстæн ратта дзуапп, уый тыххæй та ис æмбæлон процедурæ æмæ уый тыххæй иу ралæууы раныхасгæнæг æппынфæстаг.
Гуырдзыстоны президент, Гиорги Маргвелашвили протесты нысанæй парламенты рабадт ныууагъта. Уый размæ та сырæзт быцæудзырд Гуырдзыстоны президенты æмæ парламенты сæрдары æхсæн.
Гиорги Маргвелашвили куырдта, цæмæй депутатты дзырдæй ралæуды рæстæджы, йæм лæвæрд æрцыдаит дуапп раттыны фадат, Ираклий Къобахидзе та йын райхæлдта, цæмæй регламентмæ гæсгæ, алы фарстыл дзуапп раттыны фадат йæм æрцыдаит лæвæрд, кæронбæттæн дзырдæй ралæуды рæстæджы.