Ираклий Къобахидзе фембæлд ауагъдта Гуырдзыстоны Италиайы  Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд ауагъдта Гуырдзыстоны Италиайы Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе  Гуырдзыстоны Италиайы  Республикæйы сæрмагонд æмæ  æххæстбарджын минæвар, Массимиллиано  Д’Антуоноимæ фембæлдис.

Премьер-министры пресскуысты информацийæ, премьер-министр Италиайаг  дипломатимæ евроинтеграцийы  фæндагыл Гуырдзыстоны  прогрессыл фæныхас кодта æмæ бахахх кодта, дарддæры  интеграцийы  процессы  Италиайы  Республикæйы, куыд Евроцæдисы иуæй-иу бындурæвæрг уæнгы, фарсхæцыны нысаниуæг.  Фембæлдыл  афтæдæр æркастысты Гуырдзыстоны æмæ  Италиайы Республикæйы æхсæн дыууæфарсон  æмгуыстад. Хъусдард здæхт уыдис базарадон æмæ  экономикон, афтæма – хъахъхъæнынады, ахуырады æмæ культурæйы сферæты  фæстиуæгджын  æмгуыстадылю  Разагъдæуыд  уæвæг партнерады ноджы стынг дæр кæнынмæ  цæттæдзинад.

Ираклий Къобахидзе  Массимиллиано  Д’Антуонойæн Гуырдзыстоны европаг  фидæны, афтæма  бæстæйы суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фидар фарсхæцыны тыххæй  бузныг загъта.