Ираклий Къобахидзе – фæстагмæ алчи дæр бауырныдта, цæмæй Гуырдзыстоны паддзахад кæддæриддæрæй тыхджындæр у æмæ нæ паддзахады тых никæмæн ис гæнæн цыфæнды шантажæй ныззыхъхъыр кæнын
Ираклий Къобахидзе – фæстагмæ алчи дæр бауырныдта, цæмæй Гуырдзыстоны паддзахад кæддæриддæрæй тыхджындæр у æмæ нæ паддзахады тых никæмæн ис гæнæн цыфæнды шантажæй ныззыхъхъыр кæнын

Алкæмæн дæр фæстагмæ баууæндыд, цæмæй Гуырдзыстоны паддзахад кæддæриддæрæй тыхджындæр у æмæ нæ паддзахады тых никæй бон у цыфæнды шантажæй ныззыхъхъыр кæнын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе хицауады администрацийы уагъд брифингыл расидтис.

Премьер-министры ныхасмæ гæсгæ, оппозицийы минæвæрттæ горæты уынгты хæсты фæзмыны бафæлвæрд сорганизаци кодтой, фæлæ уыцы хæсты фæзминаг æнæнтыстæй фæцис, æмæ Гуырдзыстоны «Нацмайдан» сорганизаци кæныны ноджы иу бафæлвæрд нæ фæрæстмæ ис.

«Фæнды мæ ноджы иу хатт хатдзæгтæ скæнон ивгъуыд къуырийы цаутæн. Фæстагмæ алкæй дæр бауырныдта, цæмæй Гуырдзыстоны паддзахад кæддæриддæрæй тыхджындæр у æмæ цыфæнды шантажæй дæр нæ паддзахады тых ныззыхъхъыр кæнын никæй бон у.

Радикалон оппозицийæн Гуырдзыстоны «Нацмаидан» сорганизаци кæныны бафæлвæрд уыд. Уымæй уæлдай ма сорганизаци кодтой нæ горæты уынгты хæст бафæзмынмæ бафæлвæрд, кæд æмæ уынут, уыцы хæсты фæзмæн æнæнтыстæй кæй фæцис, Гуырдзыстоны «Нацмайдан» саразыны ноджы иу бафæлвæрд та нæ рауад, уæддæр.

Ивгъуыд цыппар азы дæргъы нæ бæстæйы Майдан сорганизаци кæнын уыд цыппар бафæлвæрды, фæлæ уыцы цыппар бафæлвæрдæн дæр паддзахад æнтыстджынæй дзуапп радта», — загъта хицауады сæрдар.