Ираклий Къобахидзе – фæнды мæ раарфæ кæнон Михеил Хъавелашвилийæн президенты постмæ бацæуыны тыххæй, фондз азы дæргъы уый йæ бæстæйæн намысджынæй лæггад кæндзæн ацы нысаниуæгджын позицийыл.
Ираклий Къобахидзе – фæнды мæ раарфæ кæнон Михеил Хъавелашвилийæн президенты постмæ бацæуыны тыххæй, фондз азы дæргъы уый йæ бæстæйæн намысджынæй лæггад кæндзæн ацы нысаниуæгджын позицийыл.

Фæнды мæ раарфæ кæнон Михеил Хъавелашвилийæн Гуырдзыстоны президенты бынатмæ бацæуыны тыххæй. Уый у уæздан, патриотон адæймаг æмæ мæ уырны, цæмæй æввахсдæр фондз азы мидæг уый намысджынæй лæггад кæндзæн йæ бæстæйæн ацы иттæг нысаниуæгджын позицийыл, – уый фæдыл журналисттæн расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе.

«Фæнды мæ раарфæ кæнон Михеил Хъавелашвилийæн Гуырдзыстоны президенты бынатмæ бацæуыны тыххæй. Уый у намысджын, патриотон адæймаг æмæ мæ уырны, цæмæй хæстæгдæр фондз азы ацы иттæг нысаниуæгджын бынаты кадджынæй лæггад кæндзæн йæ бæстæйæн. Фæнды мæ йын зæгъын æнтыстытæ алы хъуыддаджы дæр. Зындзинæдтæ сты серьезон. Ацы бæстæйæн 20 азæй фылдæр нæ уыд патриотон президент. Уый тыххæй дæр,  ацы 20-азон æрлæууæны фæстæ хъуамæ сфидар кæна ног традици, уый у стыр бæрндзинад, фæлæ мæ уырны, цæмæй Михаил Хъавелашвили хуыздæр æгъдауæй райсдзæн ацы бæрндзинад», – расидтис премьер-министр.