Ираклий Къобахидзе- Евроцæдисы уæнгдзинад Гуырдзыстоны сæйрагдæр приоритет у, уырны мæ Гуырдзыстон 2030 азмæ, æнæмæнгæй суыдзæн Евроцæдисы æххæсбарджын уæнг
Уырны мæ, цæмæй Гуырдзыстон 2030 азмæ æнæмæнгæй суыдзæн Евроцæдисы æххстбарджын минæвар. Евроцæдис уæнгдзинад Гуырдзыстоны æддагон политикæйы сæйраг приоритет у – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Къобахидзе Иракълэ чи у уый фыссы социалон хызаджы.
Хицауады сæрдары дзырдæ, зæгъгæ алы зындзинад, кæцы абон Евроцæдсиы уæнгсуæвыны æмæ Гуырдзыстон-Евроцæдисы ахастытимæ у баст, фæстийæ баззайдзæн.
«1950 азы 9 майы, бафстæуыд Шуманы деклараци, цæмæй дæр бындур ныккалдтой Евроцæдисы арæзтадæн. Дыккаг Дунейон Хæсты фæстæ, Европæ бындурæвæрд уыд ахæм хæзнатыл, цахæмдæр сты, демократи, барады сæйрагдзинад, адæймаджы бартæ, кæцыйы сæрмагонд роль Евроцæди æмæ йæ институттæ сыххæст кодтой. Дæргвæтин сабырад Евроцæдисæн ратта экономикæйы фæдфæдон райрæты æмæ цæрджыты фарны бæрзонд æмвæзады сифтонг кæнын фадат.Уырнæг дæн, алы зындзинад, кæцы абон Евроцæдсиы уæнгсуæвыны æмæ Гуырдзыстон-Евроцæдисы ахастытимæ у баст, фæстийæ баззайдзæн.
Евроцæдис уæнгдзинад, Гуырдзыстоны æддагон политикæйы сæйрагдæр приоритет у. Уырны мæ Гуырдзыстоны 2030 азмæ æнæмæнгæй суыдзæн Евроцæдисы æххæстбарджын уæнг, цæй фæстæ дæр нæ бæстæ, йæ уникалон культурæимæ æмæ традицитимæ, Евроцæдисы æнтысты йæ нысаниуæгджын хайбавæрд скæндæн» – дзырдæуы премьерминистры фидиуæны.