Ираклий Къобахидзе – демократтæ фæуæлахиз уыдзысты æви республикæгтæ, дыууæдæр цауы хæст фæуыдзæн Украинæйы, æрсабыр уыдзæн уавæр регионы æмæ фæивдзæн Гуырдзыстоны æрдæм ахаст
Демократтæ рамбулдзысты æви республикæгтæ, дыууæдæр цауы, хæст фæуыдзæн Украинæйы, уавæр æрсабыр уыдзæн регионы æмæ фæивдзæн ахаст Гуырдзыстоны æрдæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Къобахидзейы дзырдæй, «Ахастыты ногæй рацаразын априори баст нæу «республикæгты улахиздзинадыл».
«Демократтæ куы фæуæлахиз уой, æнхъ\æлцау иу афæдзмæ фæуыдзæн хæст, кæд республикæгтæ фæуæлахиз уыдзысты, уæд гæнæн ис æрдæг азмæ. Дыууæдæр цауы хæст фæуыдзæн, уавæр æрсабыр уыдзæн регионы æмæ фæивдзæнис ахаст Гуырдзыстоны æрдæм. Кæнæ та, априори РЕспубликæгты уæлахидзнадыл нæу бындурæвæрд нæ оптимизм æмæ ныфсытæ. ДЫуудæр цауы, максимум иу афæдзмæ, гæнæн ис раджы дæр, фæуыдзæн хæст Украинæйы, уавæр æрсабыр уыдзæн регионы æмæ фæивдзæнис ахаст Гуырдзыстоны æрдæм. Ахæм цауы фендзыстæм абсолютонæй рæстаг ахаст, æмæ нæ уыдзæн ерын цы уынæм уый, кæцы тынг хъыгаг уыд. Уырнæг дæн, максимум иу афæдзмæ ис гæнæн æхсæз мæймæ дæр, райдадзæн бынтон æндæргъуызонæй ахастыты ногæй æркаст» – райхъусын кодта Къобахидзе.