Ираклий Къобахидзе - Делимитаци æмæ демаркацийы фарста бахахх кæнын проблемæйæ банымайын гæнæн нæй
Делимитаци æмæ демаркацийы фарста бахахх кæнын проблемæйæ банымайын гæнæн нæй – райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе журналисты фарсты дзуаппæн, зæгъгæ уыдис æви нæ премьеримæ разыгонд президент, ДавитГареджийы тыххæй цы фидиуæнтæ сарызта уый.
«Нæ зонын, кæм цы коммуникаци сырæзт. Фæлæ æмтгæй райсгæйæ, сыхаг паддзахадтимæ делимитацийы æмæ демаркацийы фарста актуалон у. Æххæстæй сæрфадгонд ацы æрдгæй уавæр у æрмæстдæр Турчы арæныл.
Уый тыххæй дæр, цæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарст æвæрд цæуы. Сæйраг у цæмæ алы æмбæлон фарста сыхаг паддзахадтимæ консультациты бындурыл хъуамæ аскуыддзаг уа» – райхуъсын кодта Ираклий Къобахидзе.
Къобахидзейы дзырдæй, фæнысангонд фарста æндæр æмæ æндæр форматы иудадзыгæй лæууыд боны фæткы 30 азы дæргъы.
«Темæ æнæхъæнæй вазыгджын кæй у, уымæй дæр у бæрæг æмæ 30 азы дæргъы нæ бантыст ацы хъуыддаджы кæронмæ бакæнын. Раст афтæ у Азербайджаны цауы.Делимитаци æмæ демаркацийы фасртайы бахахх кæнын, нæй гæнæн исты проблемæйыл нымад цæуы. Сæйраг у æмæ уый фæдыл ма сывзæра провокацион къахдзæфтæ. Уый тыххæй дæр алкæмæ сидæм сæхи бауромæт, хисæрмагонд инициативæтæй æмæ импровизацитæй. Ай уыцы фарста у, кæцы дыууæ хæлар бæстæты æхсæн хъуамæ аскуыддзаг уа консультациты бындурыл. Зурабишвилийы фидиуæнты фæстæ, æндæр æмæ æндæр æрдгæй сырæзт ахæм къахдзæфтæ, кæцытæ хъыгагæн уавæр фæкарз кодтой æмæ уый æрмæстдæр контрпродуктивон у.
Алцыппæт бæстæты æхсæн ахастыты æмвæзадыл хъуамæ баззайа. Уæлдай змæстытæ хъуыддагæн ахъаз не сты» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.