Ираклий Къобахидзе – Цыппурсон эпистолæйы æрвитæггæгтæ нæ куысты рæстæджы нæ зæрдыл дардзыстæм
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклйи Къобахидзейы фидиуæнæй, Патриархы Цыппурсон эпистолæйы бавдыст цалдæр фарстыл парламент активон куыст кæны æмæ Патриархы хъуыды уыдонæн тынг ахсджиаг у. Ираклий Къобахидзе Самебайы кафедралон аргъуаны Цыппурсон литургийы фæуды фæстæ аргъуаны æрымбырдуæвджытæн æмæ æппæт дзыллæйæн бæрæгбон раарфæ кодта.
«Арфæ уын кæнын Цыппурс сымах æмæ Æппæт Гуырдзыстонæн. Нысаниуæгджын фарстытыл уыд ныхас Патриархы эпистолæйы, уый нымæцы ахæм темæты фæдыл, кæцыты Гуырдзыстоны парламент активон куыст кæны æмæ уыцы æрвитæггæгтæ, кæцытæ эпистолæйæ айзæдысты, махæн сты иттæг ахсжэиаг.
Ныхас уыд демографийы фарстытыл, наркополитикæйыл – ацы фарстытыл, мах активонæй кусæм æмæ уыцы æрвитæггæгтæ, кæцытæ эпситолæйы айзæлдысты, мах кæддæриддæр нæ зæрдыл дардзыстæм нæ куысты процессы» – расидтис Ираклий Къобахидзе.