Ираклий Къобахидзе - бузныг зæгъын Патриархæн, ацы бон нын кæй балæвар кодта
Фæнды мæ стыр бузныг зæгъон Патриархæн ацы бон нын кæй балæвар кодта, уый тыххæй. Мах хъуамæ батыхсæм нæ традицион аргъдзинæдтыл, уымæн у нывонд абоны мадзал – расидтис премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн, Бинонты сыгъдæгдзинады æмæ ныййарджытæн цыт кæныны боны фæдыл.
Къобахидзе банысан кодта- ахсджиаг кæй у, цæмæй алы аз дæр бæрæггонд цæуа Бинонты сыгъдæгдзинад æмæ ныййарджытæн кад кæныны бон.
“Фæнды мæ бузныг зæгъын Патриархæн, ацы бон нын кæй балæвар кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй ацы бон нысан кæнæм алы аз дæр. Хъуамæ хъахъхъæнæм нæ традицион аргъдзинæдтæ, æмæ уый тыххæй сты нывонд абоны бæрæгбон æмæ абоны мадзал” -расидтис Къобахидзе.