Ираклий Къобахидзе – «Бæллицы горæт» у æнæпрецедентон социалон проект, кæцыйы нысан у нæ æмзæххонтæн æмбæлон царды уавæртæ саразын
«Бæллицы горæты» арæзтады дыккаг этап райдайы – Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе, Аджарийы автономон республикæйы хицауады сæрдар Торнике Рижвадзеимæ иумæ арæзтады бындуры сæвæрды фæдыл символикон капсулæйы æппарыны церемонийы хайад райстой.
Хицауады сæргълæууæг бахахх кодта проекты сæрмагонд нысаниуæг æмæ банысан кодта, цæмæй уый бæлвырд кæны, хицауад цас приоритетонæй æвæры æмбæстæгты хæрзиуæг.
«Фыццаг къæпхæн æнтыстджынæй ахицæн, арæзт æрцыд æртæ 12-уæладзыгон бæстыхайы, цыран ныридæгæн æрбынат кодтой 582 бинонтæ, 800 сывæллоны онг та радтой фадат æнæниз æмæ æнцонвадат уавæрты хъомыл кæнынæн.Абон райдайæм ацы проекты дыккаг къæпхæн, кæцы у ноджы уæрæхдæр æмæ амбициозондæр. Ног пъланмæ гæсгæ, 19407 квадратон метры фæзуатыл арæзт æрцæудзæн 9 бирæфатерон цæрæн хæдзары, кæцыты фатертæ райсдзысты 1077 бинонтæ. Ног фатертæ æххæстæй ифтонг уыдзысты газæй, донæй, канализацийæ, æппæт æнæмæнгхъæугæ лæггæдтæ уыдзысты ифтонггонд», – расидтис Къобахидзе.