Ираклий Къобахидзе – АИШ-ы минæварад, USAID, NED архайдтой адæмы æмæ Гуырдзыстоны паддзахады ныхмæ, стыр ныфс нын ис, цæмæй ацы æгад практикæ ног администрацийы рæстæджы фæуыдзæн
АИШ-ы минæварад Гуырдзыстоны æмæ USAID-ы, афтæ дæр NED æмæ æндæр институттæ координиргондæй архайдтой гуырдзиаг адæмы æмæ Гуырдзыстоны паддзахады ныхмæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Казахстаны журналисты фарстæн дзуаппæн расидтис, кæцы хаудта АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Марко Рубиойы расидæнмæ USAID-ы архайды фæдыл.
Премьер равдыста ныфс, цæмæй ног администрацийы рæстæджы, АИШ-ы минæварады ахаст гуырдзиаг адæммæ æмæ гуырдзиаг паддзахадмæ фæивдзæн æмæ кæронмæ ахæццæ уыдзæн уыцы æгад координаци, кæцы уыд минæварад, ЮСАИД, НЕД æмæ æндæр æмбæлон субъектты æхсæн.
«Ивддзинæдты тыххæй куы дзурæм, уæд уыцы ивддзинæдтæ хъуамæ æмхуызонæй бандавой USAID, NED æмæ минæварады архайдыл». «Махæн стыр ныфс ис, цæмæй ног администрацийы рæстæджы, фыццаджы дæр, АИШ-ы минæварады ахаст гуырдзиаг адæммæ æмæ гуырдзиаг паддзахадмæ фæивдзæн æмæ кæронмæ ахæццæ уыдзæн уыцы æгад координаци, кæцы уыд минæварады, USAID, NED æмæ æндæр æмбæлон субъектты æхсæн», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.