Ираклий Къобахидзе – æвзæрстыты фæстиуджытæ банымадтой алчи, цалдæр састбавзарæг оппозицийы партиты æддæ
Нæ хæлæрттæн фехъусын кодтам информаци, куыд цæттæ кæны “Гуырдзиаг Бæллицц” дыккаг турмæ, æмæ æцы мадзæлттæ сты ист уый тыххæй, цæмæй дыккаг тур максималонæй æмбæлон уавæрты æмæ агъдауæй ацæуа», – уый фæдыл «Гуырдзиаг бæллиццы», æххæстгæнæг нымæрдар, Ираклий Къобахидзе, «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» лидерты OSCE/ODIHR-ы цæстдарæг миссийы минæвæрттимæ фембæлды фæстæ райхуъсын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æвзæрстыты фæстиуджытæ алчидæр банымадтой, конкретон оппозицион партиты æддæ. Къобахидзе уырнæг у, цæмæй ацы партитæ фæстагмæ сразы уыдзысты æвзæрстыты фæтиуджытимæ.
Уыимæ иумæ журналисты фарстыл: «Цæуыл æнцой у уæ оптимизм»,- зæгъгæ, Къобахидзе дзуапп ратта:
«Сæйраг ресурс уый мидæг ис, æмæ реалонæй æнæфæсайгæ бæлвырдгæнæнтæ ис æвзæрстыты демокративон ауадзыны фæдыл. Уыдис æрмæст спекуляцитæ, дæнцæн, æнæрастæй фыст протоколтæй манипуляци æмæ а. д., цæй бындурыл дæр бæлвырд кæнынц æрдзы мидæг цы не рцыдис уый. Реалонæй, нæ сæйраг аргумент у уый, цæмæй æвзæрстытæ абсолютонæй демократон уавæрты ацыд æмæ уый тыххæй цæттæ стæм дискуссимæ алкæимæ, уый нымæцы цæттæ стæм, цæмæй информаци æвзæрстыты демократонæй ауадзыны фæдыл бавдисæм кæцыфæнды субъектæн, куыд политикон партитæн, афтæ æнæхицауадон организацитæн. Кæнæ та, нæ бон у партиты бауырнын кæнæм, æхсæнадæмон партнертæ цы дзурынц уый», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.