Ираклий Къобахидзе - Æнахъомты хъуыддагы Гиргвлианийы хъуыддагимæ абарст нымадмæ ист хъуамæ уа куыд спекуляци афтæ, æмæ мах та ацы спекуляцитæ не руадздзыстæм
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе принципонæй нæрайсгæйыл нымайы, Тбилисы Хоравайы уынгыл æнахъомты марындзинады хъуыддаг Гиоргвлианийы хъуыддагимæ абарст.
Фæнысангонды тыххæй, Ираклий Къобахидзе, парламенты абоны рабадтыл фæныхас кодта.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, тугтæрхоны барады хъуыддæгты æрдæм Гуырдызстоны хицауадæн нæй нæдæр иумæйаг æмæ нæдæр субъективон интерес.
«АЙ у нæ хицауады куысты стандарт, кæцыйы сбæлвырд кодтам 2012 азæй – хицауадмæ нæй ницæйхуызæн хисæрмагонд интерес тугтæрхоны хъуыддæгтæм гæсгæ, уæлдайдæр ахæм хъуыддагы æрдæм, ай йас трагеди куы æрцыд уæд» -райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Афтæма йæ аргълæвæрдæй, Гиргвлианийы хъуыддагыл уæды хицауад иу конкретон адæймаджы ныхмæ принципонæй сæххæст кодта фыдракæнд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм хуызы аьбарст æрмæст спекуляци у æндæр ницы.
«Нæ хъустыл уадысты абарстытæ Гиргвлианийы хъуыддагимæ, кæцы мæнæн принципонæй нæрайсгæ у. Гиргвлианийы цауы уыдис ахæм хъуыддаг, кæцыйы дæр хицауад принципонæй сæххæст кодта фыдракæнд иу конкретон уæнгы æрдæм. Ай уыдис хицауады сусæгвæнд бадзырд иу адæймаджы ныхмæ æмæ ацы сусæгвæнды баст уыдис уæды рæстæджы хицаугæнæг спектр æххæстæй. Уый уыдис хицауады фыдракæнд, кæцы сæххæст иу адæймаджы ныхмæ. Ацы цауы та, хъуыддаг баст у иттæг уæззау фыдракæндимæ, фæлæ ай у тугтæрхоны хъуыддагш, кæцы равзæрст хъуамæ æрцæуа æмбæлон процедурæтæм æмбæлгæйæ æмæ нæ сæйраг инетерс та уый мидæг ис, цæмæй æмбæлонæй сæххæст уа расттæрхон ацы хъуыддагмæ гæсгæ . Цыфæнды абарст Гиргвлианийы хъуыддагимæ кæнæ æндæр ахæм абарстытæ нымадмæ ист хъуамæ цæуа æрмæстдæр спекуляцийæ æмæ мах та ацы спекуляцитæ нæ бауадздзыстæм» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Афтæдæр абон Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта, ома Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддагыл рæстæгмæ парламентон фæдæвзарæг камис сырæздзæн.