Ираклий Къобахидзе -  адронон  терапийы центр уникалон у  йæ  нысаниуæгæй,  арæзтад 2026 азы фæуыдзæн æмæ ацы резонансон проект  нæ бæстæйы  номдзыд скæндзæн
Ираклий Къобахидзе - адронон терапийы центр уникалон у йæ нысаниуæгæй, арæзтад 2026 азы фæуыдзæн æмæ ацы резонансон проект нæ бæстæйы номдзыд скæндзæн

Банысанкæнинаг у  адронон терапийы  центр, кæцы  уникалон   у  йæ   нысаниуæгæй.  Арæзтад 2026 азы фæуыдзæн, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Ираклий Къобахидзе, Кутаисы  æхсæнадæмон университеты   фыццаг къурсфæудгондтимæ рауадзæн   церемонийыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

Адронон терапийы  центрыл  ныхасы рæстæджы, кæцы  Кутаисы   æхсæнадæмон университеты  базæйыл  цæуы арызт, премьер банысан кодта, цæмæй  проект   бæстæйæн йæ ном  сараздзæн, куыддæр дзы  арæзтад фæуыдзæн æмæ иртасæн программæты  сыххæст  райдайдзæн афтæмæй.

«Уый  у   иттæг резонансон проект, кæцы нæ бæстæйы  номдзыд скæндзæн   йæ  фæудæй  уайтагъд,  куыддæр дзы райдайдзæн   уыцы  иртасæн программæты  сыххæст  адронон центры», – банысан кодта  хицауады сæрдар.

Ираклий Къобахидзе  бузныг загъта  Биздина Иванишвилийæн.  Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ  Кутаисы  æхсæнадæмон   университет  уникалон  инфраструктурæимæ æмæ  йæ  бынатæй   хицæн кæны.

«Бузныг хъуамæ зæгъон   цытджын Бидзина Иванишвилийæн  университеты  бындурвæрæгæн, кæцыйы  идея  дæр уыд  ацы  иттæг нысаниуæгджын   ахуыргæнæндоны  саразын Кутаисы, нæ бæстæйы.  Ноджы  иу  хатт банысан кæндзынæн, цæмæй уый  у   æцæгдæр   уникалон  инфраструктурæ, уникалон   равæрдæй  кæцы  хицæн банысан кæнын  хъæуы, кæцыйы дæр сæрмгаондæй Бидзина Иванишвили  æмæ йæ бинонтæ сывзæрстой.  У бæрзонддæр  ервопаг стандартты   инфраструктурæ», –   банысан кодта премьер.