Ираклий Къобахидзе – абон сæрыстырæй нысан кæнæм, цæмæй Гуырдзыстон хæдбар у, куыд никуы раздæр, бæстæйы национ интерестæ хъахъхъæныныл куы дзурæм, уæд ахсджиаг у хæлæрттимæ ахастдзинæдтæ дарын.
Абон мах сæрыстырæй нысан кæнæм, цæмæй Гуырдзыстон у хæдбар æмæ суверенон, куыд никуы раздæр, фæлæ афтæдæр æмбарæм, цæмæй хæдбардзинады сæрыл тох, хæдбардзинады бахъахъхъæд баст у æнæрлæугæ тохимæ, уый у æнæрлæугæ процесс – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Миланы Гуырдзыстоны генералон консулады байгом кæныны церемонийыл расидтис.
Къобахидзейы ныхасмæ гæсгæ, бæстæйы националон интересты хъахъæдыл ныхас куы цæуы, уæд хæлæрттимæ ахастытæ æмæ партнердзинад тынг нысаниуæгджын сты.
«Абон ацы рæсугъд бæстæйы æмæ ацы рæсугъд горæты нысан кæнæм Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон.Ай у ахæм бон, кæцы махæй алкæй дæр, алы гуырдзиагæн дæр сæрмагонд сæрыстырдзинадæй байдзаг кæны, уымæн æмæ нæ зæрдыл лæууын кæны нæ æнусон тох сæрибардзинады, хæдбардзинады æмæ суверенитеты сæраппонд.Бирæ гуырдзиæгтæ сæ цард нывондæн æрхастой ацы хæдбардзинады тохы тыххæй. сæрыстыр стæм нæ уникалон, æнусон историйæ æмæ сæрыстырæй сфæлхатт кæнæм, цæмæй нæ бæстæйыл цæуы 3000 азы, Гуырдзыстоны паддзахаддзинадыл та 23 æнусы, кæцы у тынг чысыл бæстæ, историон æгъдауæй кæддæриддæр уыд империты тигъыл, ахæм уавæрты нын тынг зын уыд нæ хæдбардзинад бахъахъхъæнын, фæлæ Гуырдзыстон æнæфæлхатгæнæг удварн равдыста. уый фæрцы, æппæты вазыгджындæр историмæ æнæкæсгæйæ, нæ бон уыд нæ хæдбардзинад бахъахъхъæнын æмæ нæхи бахъахъхъæнын.Сæйраг темæмæ та цы хауы, Милан сæрмагонд эмоцитимæ баст у иу конкретон аххосагæй – ацы горæты нæ бæстæйы номæй Тбилисы мэр господин Каха Къаладзе уыд. Азты дæргъы сæрыстырæй хъахъхъæдта нæ бæстæйы кад ацы горæты, æмæ растдæр ацы горæты æрхаста нæ бæстæйæн бирæ уæлахизтæ.Фидæны æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй нæ бæстæты æхсæн хæлардзинад ноджы арфдæр кæна. Кæронбæттæны мæ фæнды ноджы иу хатт бузныг зæгъын Италийæн, италиаг адæмæн, уыцы бирæ азты хæлардзинады тыххæй, кæцыйы кæддæриддæр æнкъардтам сымахæй. Иу хатт ма мæ фæнды бузныг зæгъын уæ алкæмæн дæр, кæй æрбацыдыстут, уый тыххæй. Цæрæд Итали, цæрæд Гуырдзыстон! ” – расидтис Ираклий Къобахидзе.