Ираклий Къобахидзе – абон, бадзырдты гомæй спайда кæнынц куыд нæ бæстæйы шантаж æмæ æхсæнады дих кæныны фæрæзæй, раст афтæ, куыд раздæр кандидаты статусæй пайда кодтой.
Бадзырдты байгомæй абон пайдагонд цæуы куыд нæ бæстæйы шантаж кæныны фæрæз æмæ æхсæнады дих кæныны фæрæзæй, куыд раздæр кандидаты статусæй пайда кодтой, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе брифингыл, кæцы уагъд æрцыд «Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы.
Ираклий Къобахдзе расидтис, цæмæй алкæмæй нысаниуæгджын нæу бадзырдтæ кæд байгом кæнæм, фæлæ сæ кæд сæхгæнæм.
«Ай дæр бынтон æрхъуыдыгонд цау у, уæлдайдæр та, бадзырдты байгом кæныны датæ баиу кæныны датæйæ æппындæр баст кæй нæу. Сæйраг уый нæу, кæд байгом кæнæм бадзырдтæ, фæлæ сæ кæд сæхгæнæм. Куыд зонут афтæмæй, Гуырдзыстон Украинæ æмæ Молдоваимæ ассоциацийы бадзырд бафыссыны, сæрибар базарады бадзырд бафыссыны æмæ æнæвизæйы режимы райсты фæдыл бадзырдтæ фæфæстиат кодта, фæлæ æртæ цауы дæр йæ къухы бафтыд æнтыст раздæр кæнæ уыцы иу рæстæг ацы бæстæтимæ. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Черногори æмæ Серби Евроцæдисимæ бадзырдтæ байгом кодтой 2012 æмæ 2014 æзты, фæлæ уый гыццыл дæр нæ фæтагъддæр кодта сæ европæйаг интеграци. Туркмæ та цы хауы, Евроцæдис 2005-æм азы байгомгонд бадзырдтæ 2016-æм азы фæурæдта, – уый фæдыл Къобахидзе расидтис.