Ираклий Къобахидзе – 26-æм октябры хуымæтæг æвзæрстытæ нæу, фæлæ æскъуыддзаггæнæг референдум у, кæцыйы рæстæджы гуырдзиаг адæм хъуамæ сывзарой хæст æви сабырад, æнæморалон пропагандæйы фарс хæцы æви традицион аргъдзинæдты
Алы гуырдзиагæн дæр Ацъара æмæ Батум сты уыцы регион æмæ горæт, кæцымæ не ‘ппæтæн дæр ис сæрмагонд уарзондзинад. Æхсызгон мын у, абон ацы фæзуат æмæ ацы горæт 12 азы размæимæ абаргæйæ бирæ размæцыддæр кæй сты, уый. Алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй Адджара æмæ Батум ноджы рæсугъддæр æмæ размæцыддæр уой. Уый тыххæй фыццаджы дæр хъæуы сабырдзинад бахъахъхъæнын æмæ фидарæй æмæ намысджынæй хъахъхъæнын нæ бæстæйы националон интерестæ – ахæм хуызы ныхас кодта «Гуырдзиаг бæллиццы» æвзарæнон штабы сæргълæууæг, премьер-министр, Ираклий Къобахидзе, æрæмбырдуæвæг цæрджытæм Батумы æвзарæнон кампанийы регионалон мадзалыл.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны дыууæ къуыри баззад æскъуыддзаггæнæг æвзæрстытæм, кæцытæн ис референдумы нысаниуæг.
«Ноджы иу хатт хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, цæмæй ай æрмæст æвзæрстытæ нæу, фæлæ æскъуыддзаггæнæг референдум, цыран гуырдзиаг адæм хъуамæ равзарой хæст æви сабырад, æнæморалон пропагандæйы фарсыл хæцынц æви традицион аргъдзинæдтæ, равзардзысты талынг ивгъуыд æви рухс, Гуырдзыстоны европон фидæн. 2012 азы онг Гуырдзыстонæн хицауиуæг кодта фæсарæйнаг уагдон, æнæпаддзахадон политикты авторитарон режим, кæцы нæ зæрдыл лæууын кодта адæмы марын æмæ хъизæмар кæнынæй, бизнесы рэкетæй, телеуынынады æрцахсгæйæ, æвзæрстыты фальсификацийæ, хæстæй æмæ Гуырдзыстоны территориты 20 проценты фесафгæйæ. Ацы æгъатыр фыдракæндты æмрæнхъ, режим нæ хицæн кодта экономикон æнтыстдзинæдтæй дæр æмæ 2012-æм азы «Гуырдзиаг Бæллиццы» уыдонæй сеппæтæй уæззаудæр бынтæ йæхимæ райста», – расидтис Ираклий Къобахидзе.