Ираклий Къобахидзе – 1000-æй фылдæр æфсæддонæн  ног арызт корпусты лæвæрд уыдзæн  цæрæн фæзуаттæ
Ираклий Къобахидзе – 1000-æй фылдæр æфсæддонæн ног арызт корпусты лæвæрд уыдзæн цæрæн фæзуаттæ

1000-æй  фылдæр   æфсæддон  архайæгæн   ногарыст  корпусты цæрæн фæзуаттæ  уыдзæн лæвæрд – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер0министр, Ираклий Къобахидзе   хицауад  рабадтыл райхъусын кодта.

Премьеры дзырдæй,  уый тыххæй  бюджеты  æмбæлон   суммæтæ  иннæ  азæй дæр уыдзæн  рагхыгъдгонд.

«Гуырдзиаг æфсадыл  аудын  у  Гуырдзыстоны хицауады  сæрмагонд приоритет æмæ ацы æрдгæй   сæрмагонд нысаниуæг  цæуы олæвæрд   нæ  æфсæддæттæн  аргъ скæнынæн.  Ацы   æрдгæй иттæг нысаниуæгджын программæ, 1000-æй  фылдæр æфсæддонæн  лæвæрд уыдзæн цæрæн фæзуат  ногарызт корпусты. Бузныг  хъахъхъæнынады министрадæн, хъахъхъæнынады министрæн, уый тыххæй, цæмæй  ацы  программæ  æнтыстджынæй   бахæццæ  ис кæронмæ.   Программæ   хъуамæ адарддæр уа, æмæ  мæн фæнды   хъахъхъанынады министрæй ракурон,  цæмæй  ноджы  фылдæр æфсæддонæн  уа лæвæрд  хæдзæрттæ ног арызт корпусты. Бюджеты  æмбæлгæ  суммæтæ   уыдзæн рагхыгъдгонд   фидæн азæй  дæр», – рахйъусын кодта премьер.