Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй ацыд Экономикон советы рабадт
Гуырдзыстоны премьер-министры къухдариуæгæй ацыд экономикон советы рабадт.
Премьер-министры пресс-куысты хъусинагæй, хицауады администрацийы уагъд рабадтыл фæуынафæ кодтой бæстæйы экономикæйы æвæрццаг тенденцитыл.
Сæйраг фарстаты æхсæн уыд инфляцийы ныллæг æмвæзад æмæ бюджеты сыххæсты динамикæ.
Финансты министр Лаша Хуцишвили куыд банысан кодта афтæмæй, июлы фæлхасадон æргъты афæдзон инфляци уыд 0,3 проценты бæрц, æрмæст 2023 азы æхсæзмæййон бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, бюджет уæлдайджынæй сыххæст ис.
Хицауады сæрдар байхъуыста информацимæ, регионты инфраструктурон проектты фæдыл.
Фембæлды афтæдæр фæуынаффæ кодтой, ставд экономикон проектты реализацийыл, æмæ къахдзæфтæ, кæцыты саразын хъæуы ацы æрдгæй фидæны.