Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, оппозициимæ диалог адарддæр уыдзæн
Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, оппозициимæ диалог адарддæр уыдзæн

Мах æрныхас кодтам, цæмæй   диалог адарддæр уыдзæн – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили президенты администрацийы   оппозици  æмæ хицауады минæвæртты  æхсæн  фембæлды фæстæ   райхъусын кодта.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæЕвропæйы Советы   президенты сидт,  уыд  уынаффæ,  ома  зæгъгæ  куыд гæнæн ис афтæ  цыбыр æмгъуыдмæ  алчи иумæ  ссарæт иумæйаг цæстæнгас.

«Шарль Мишелы организацигонд  фембæлд  ацыд   тынг конструктивон   атмосферæйы, абон  нын уыд  диалог,  фæуынаффæ кодтам   рæнхъ  фарстæтыл, уыцы  хъауджыдæрдзинæдтыл, кæцы нын ис   хицаугæнæг партийæн, хицауадæн  æмæ  оппозицийæн.  Цæй зæгъын æй хъæуы  ис нын принципон позицитæ  бæрæг фарстæтыл, кæцытыл нын ис  аргументиргонд  цæстæнгас,  афтæдæр байхъуыстам  алкæцы   минæвары  фарстытæм  æмæ сын раттам  дзуапп.  Æрныхас кодтам уый фæдыл, цæмæй  диалог адарддæр уыдзæн.  Уыдзæн мын консультацитæ   партийы  политикон советимæ  æмæ  дарддæры  къахдзæфтыл æртæрхон кæндзыстæм.  Фæнды мæ  зæгъын уын,  Европæйы  Советы  президенты сидт, рекомендаци,  уыд  амынд  цæмæй  куыд гæнæн ис афтæ цыбыр æмгъуыдтæм алчи иумæ – оппозици, позици, хицауадæй  ссарæм иумæйаг цæстæнгас, кæцыйы алыварс ссиу уыдзыстæм, нæ адæмы,   уый хъæуы ныр  нæ бæстæйæн, иумæйаг националон   консессус, иуæймаг националон  разыдзинад» – райхъусын кодта  Ираклий Гъарибашвили.