Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстон цæттæ кæны 2024 азы евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгсуæвынæн официалон куырдиат бавдисынмæ
Шенгены тыгъдады æнæвизæйæ балц кæныны редимы скуыстæй цыппар азы сæрмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй алцыппæт аразынц уый тыххæй, ома гуырдзиаг дзыллæ, уый нымæцы Абхаз æмæ Цхинвалы регионы цæрджытæ, максималонæй спайда кæной алы хорздзинадæй, кæцы æфты евроинтгерацийæ Гуырдзыстоны цæрджытæм.
«Абон Евроцæдис/Шенгенытыгъдадмæ æнæвизæ змæлды режимы скуыстæй цыппар азы сæр бæрæгбон кæнæм. 2017 азы марты историон уынаффæйæ, Евроцæдис æмæ Европæйы бæстæтæ, Гуырдзыстон банымадтой æууæнкджын æмæ аккаг пратнерæй. Уый демократийы стыхджыны æмæ бæстæйы рæзынадæн нæ тыхархайды, сæххæст реформæтæн сегасдæр бæрзонд аргълæвæрд у. Ацы стыр политикон нысаниуæгы фæзынд, ноджы фылдæр баввахс кодта Гуырдзыстон Европæйы сæрибар нациты бинонтæм æмæ ног фадæттæ фæзынын кодта.
Абоны онг Гуырдзыстоны милуанæй фылдæр æмбæстаг спайда кодта Европæйы бæстæтимæ æнæвизæ змæлдæй.
Адарддæр кæндзыстæм архайын нæ бæстæйы, Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгæй суæвынæн æмæ цæттæ кæнæм 2024 азы официалон куырдиат бавдисынмæ; алцыппæт аразæм, цæмæй нæ æхсæнад, уый нымæцы Абхаз æмæ Цхинвалы регионы цæрджытæ максималонæй спайда кæной алы уыцы хорздзинæдтæй, кæцы нæ æмбæстæгтæм æфты Евроинтеграцийы фæрцы» – банысан кодта премьер-министр.