Ираклий Гъарибашвили журналисттæн арфæ кæны гуырдзыйаг журналистикæйы бон
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили алы журналистæн, теле, радио, мыхуыр æмæ электронон медийы алы минæварæн, гуырдзиаг журналистикæйы бон арфæ кæны.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, принципты æмæ аргъдзинæдты иузæрдыг, бæрзонд бæрнон æмæ профессион стандартты хæдбар медиа сæйраг у демократийы гъæды æмæ æмбæстагон дзыллæйæн.
«Нæ хицауад гарантæй лæууы сæрибар, плюралистон медиаæрдзæн. Авторитетон æхсæнадæмон организациты иртасæнтæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауадмæ æрбацыды фæстæ уагъд реформæты фæстиуæгæн, медийы сæрибардзинады гъæд нысаниуæгджынæй фæхуыздæри. Ацы æрдгæй Гуырдзыстон абон регионы лидер у. Фидæны дæр алцыппæт сараздзыстæм гуырдзиаг медиатыгъдад рапарахатæн», – банысангонд у премьер-министры фидиуæны.