Ираклий Гъарибашвили -Украинайы  хæст иттæг вазыгджын быцæусидт у, кæцымæ хъæуы  зондджын  балæуд, фыццаг бонтæ ауагъдтам раст политикæ æмæ ацы раст политикæ æххæст кæнæм
Ираклий Гъарибашвили -Украинайы хæст иттæг вазыгджын быцæусидт у, кæцымæ хъæуы зондджын балæуд, фыццаг бонтæ ауагъдтам раст политикæ æмæ ацы раст политикæ æххæст кæнæм

Алчи иумæ  тынг  вазыгджын период арвыстам.  Хицауад, парламент,  æппæт дзыллæ  уыд  баст ацы   процессы  фæткдæттыны.   Фæстагмæ,  зæгъæн ис, нæ бæстæ ацы  этапыл    у уæлахизгонд, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили  афæдзон  хыгъдлæвæрды   бавдысты рæстæджы райхъусын кодта.

Гъарибашвили куыд   райхъусын кодта афтæмæй,    Европæйы  континентыл, прецедент цæмæн нæй  ахæм æртхъирæн   æмæ кризис ис æмæ  банысан кодта  ома   хæст зæгъгæ алкæмæн у стыр  быцæусидт.

«Фæнды мæ регионы тыххæй  ныхасæй  райдаын хыгъдлæвæрд.   Европæйы  континентыл прецедент, цæмæн нæй  ахæм æртхъирæн   æмæ кризис ис æмæ  банысан хæст зæгъгæ алкæмæн у стыр  быцæусидт. Хæст стыр æндæвдад скодта  куыд  Европæйы континентыл, аф тæ   нæ регионыл, бæстæйыл, æнæхъæнæй  глобалон   политикæйыл.  Зæгъæн ис,  æппæт Дуне лæууы  стыр быцæусидты раз, кæцы  Дыккаг дунейон хæсты фæстæ нæ уыд.  Уый дзæбæх æмбарæм.  Уый у иттæг уæззау  быцæусидт, кæцымæ хъæуы  тынг  зондджын  балæууд æмæ уымæ гæсгæ  сарызтам нæ политикæ.  Фыццаг бонтæй нын уыд раст политикæ.  Раст  политикæ ауагъдтам æмæ  ацы раст политикæ æххæст кæнæм ныр дæр.   Бирæ  хатт загътон æмæ  нæ  балы  уæнгты иумæйаг цæстæнгас  у уый, цæмæй   нæ сæйраг рард у  нæ  бæстæйы   националон интерестæ  хъахъхъæнын.  Растдæр ацы  сæйраг мотивацийæ, идеямæ гæсгæ архайæм   æмæ   уадзæм политикæ, кæцы фыццаджы дæр, нæ адæмы,  адæмы  интерестæн у  æнæмæнгхъæугæ», –   банысан кодта Гъарибашвили.

Уыимæ, премьер-министр дзырдæй ралæуды рæстæджы  сфиксир кодта фарсдарын  украинг адæмæн  æмæ сын   сабырдзинады  арфæтæ  загъта.

«Тынг  катай кæнæм ацы хæстæй.  Ноджы иу хатт мæ  фæнды нæ фарсдарын равдисын   украинаг адæмæн,  сабырдзинад  сæм куыд уа,  уыцы арфæтæ   зæгъы  мæ зæрдæ.   Бæлвырд кæнын   нæ  фарсхæцын Украинайы  суверенитетæн,  хæдбардзинадæн æмæ ацы  хæст куыд гæнæн ис  афтæ  тагъд  хъуамæ фæуа», – райхъусын кодта  Ираклий Гъарибашвили.