Ираклий Гъарибашвили – Уæлхох цæрæн пункттæн фарсхæцыны нысанæн, æртæ азы дæргъы 968.5 млн ларийы проекттæ сыххæст уыдзæн
Уæлхох рæтты цæрæнт пунктты рапарахаты 2021-2023 азты архайадон планæй бæрæг мадзæлттæ æркастысты хохы тынгады националон советы рабадтыл, кæцы премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй, абон хицауады администрацийы ацыд.
Архайадон планмæ гæсгæйæ, æртæ азы дæргъы плангонд у 968.5 млн ларийы аргъы проекттæ, бæрзондхохджын цæрæн рæтты, куыд инфраструктурон, афтæ социалон æххуысы нысанæн, кæцы 29%-æй фылдæр у раззаг периоды аналогион бæрæггæнæнтæй.
Уæлхох цæрæн рæтты статус ис 1801 цæрæн пунктæн, кæцы Гуырдзыстоны æмтгæйон цæрæн пунктты 49%-ы бæрц у. Апрелы бæрæггæнæнтæй, уæлхох цæрæн рæтты цæрæгы статусæй пайда кæнынц 262 мин адæймаг; 497 кондад. Фæстаг 6 азы дæргъы, уæлхох цæрæн рæттæн æххуысы нысанæн рауæлдай ис 1.16 миллиард лари; уырдгæй 402.7 млн лари бахардз ис закъонæй бæрæг социалон уæлбардзинæдтыл, дохтырты, медхоты, азуыргæнджыты миздтыл, спорты æндæр æмæ æндæр хуызы тренертыл æмæ æндæр æрæдæмадтæй, афтæма – сфæлхасгонд электроэнергийы æмфинансдзинадæн 50%-ы бæрц.
Совет æркастис, «Уæлхох цæрæн пунктты тынгады фондæн суммæтæ рауæлдайы фæдыл» барамынды проект, кæцымæ гæсгæ дæр, 2022 азы уæлхох цæрæн рæтты тынгады фонды суммæтæ райуæрст æрцæудзысты. Планмæ гæсгæйæ, 2022 азы 20 милуан лари у рахицæнгонд æмбæлгæ инфраструктурон æмæ хъæууон-хæдзарадон проекттæн, æрмæст 5 милуаны бæрц рауæлдай уыдзæн уæлхох цæрæн рæтты хъæууон-хæдзарады проектты сыххæстæн, цахæм дæр у агрофæдзæхсыны проект «Æрфидар кæн фидæн» æмæ бакусæн æмæ æвæрæн кондадты программæ.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресскуыст.