Ираклий Гъарибашвили Тоиво Клааримæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæр афæлгæста
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Женевæйы æхсæнадæмон бадзырды æмсæрдар, Евроцæдисы специалон минæвар Хуссар Кавказы æмæ Гуырдзыстоны кризисы фарстаты Тоиво Клааримæ фембæлдис.
Хицауады сæргълæууæг фембæлдыл Ираклий Бебуайы æмæ æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны æндæр æмбæстгæты ссæрибар кæнынæн æхсæнадæмон тыхархайд стынг кæнын æнæмæнгхъæуындзинадыл сцырын кодта хъусдард. Бахахх ис Женевæйы æхсæнадæмон бадзырды форматы архайадон, рахатинаг фæстиуджытæм æрцæуыны нысаниуæг.
Хицауады сæргълæууæг бахахх кодта Галы районы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны мехниазмты фембæлдты сног кæныны æнæмæнгхъæундзинад æмæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодта конфликты сабырадон аскуыддзагы политикæмæ Гуырдзыстоны хицауады иузæрдыг ахаст.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад деоккупацийы æмæ конфликты сабырæй аскуыддзагæн активон къахдзæфтæ аразы æмæ активон куыст кæны иугонд националон ахасты æмæ æппæтылæххæссæг падздахадон стратеги бакусынæн.