Ираклий Гъарибашвили – Тобæтæ æрбайсын та нæ куы бахъæуа уæд алцыппæт уыдзæн дзæгæълы
Алцыппæт уыдзæн дзæгъæлы, тобæтæ æрбайсын та нæ куы бахъæуа уæд, нæдæр мæ фæнды ацы ныхас «æрыхгæд» зæгъын, хицауады нæм иунæг куырдиат ис, уæхи низы ныхмæ бафтаут, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ цалдæр мæй размæ тобæтæ аивыны уынаффæ исты рæстæджы, хицауад архайдта адæмы инетерстæм æмбæлгæйæ. Премьеры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ тобæты аивд расидтис экономикæйы прецедент цæмæн нæй ахæм рæзт.
«Экономикæ райдыдта тынг цырд темпæй рæзын æмæ раудæгас, сæнæниз ис. Кусæнуаттæм æрыздæхтысты нæ æмбæстæгтæ.
Дæнцæн знон, Батумы куы уыдтæн, уæд, зæгъæн ис, алы бынат уыд едзаг – алы ресторан, кафе-бартæ. Æнæрмæст нæ æмбæстæгæй уыдысты едзаг, фæлæ ма туристтæй байдзаг ис Батум æмæ æнæхъæнæй нæ туристон бынæттæ», – райхъусын кодта Гъарибашвили.
Ираклий Гъарибашвили вакцинацийы æнæмæнгхъæуындзинадмæ раздæхта йæ хъусдард. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ у иуы æрдгæй æхгæд тыгъдадты, транспорты маскæты дарын, иннæрдгæй та вакцинаци ацæуын.
«Знон сарызтам 11 000 вакцинаци, кæцы æгъгъæд нæу. Боны мидæг вакцинаци 20 000 -30000 мин адæймагæн куы нæ саразæм, уæд нын тынг фæзын уыдзæнис ацы процессæн бафæразын.
Дæнцæн, абон нын ис инфицирады 2600 цауы. Уый у фæдисон. Фæнды мæ ноджы иу хатт бафæдзæхæсон нæ æмбæстæгты, тынг æвзæр тенденци у. Фæнды нæ, иу æрдгæй, ма фесафæм ацы бæрзонд экономикон рæзынад, прогресс æмæ нæ æмбæстæгты дзæбæхдзинад æмæ нæ фæнды, цæмæй алчи уа райгонд æмæ амондджын, æмæ иннæрдгæй, иунæг хуымæтæг куырдиат нæм ис нæ æмбæстæгтæм – курæг уæ стæм – рацæут вакцинацимæ»! – банысан кодта премьер.
Ираклий Гъарибашилийы дзырдæй, зæгъгæ, иу хатт, пандеми куы райдыдта æмæ куыд баххуыс кодтой æмбæстæгтæ хицауадæн, ерын афтæ куы нæ бакæной, уæд æрмæст хицауадæн бирæ ницы йе бон бауыдзæн.