Ираклий Гъарибашвили – Тахтыты сногы фæдыл уынаффæйы тыххæй куы бахыдтам, фæхъуыды кодтам æмæ загътам, цæмæй тахтытæ æнæсанкциргонд хæдтæхджытæй у базарадон-экономикон ахастыты скæнæг хай
Уæрæсейы æрдгæй тахтытæ сног кæныны фæдыл уынаффæ махæн дæр куы ссис бæрæг знон, уæд балы мидæг нын уыд уынаффæ, уый æппæтыл дзæбæх фæхъуыды кодтам æмæ загътам, цæмæй тахтытæ, уæлдай дæр æнæсанкциргонд хæдтæхджытæй, хуымæтæгæй куы зæгъæм у базарадон-экономикон ахастыты скæнæг хай, иу чысыл компонент, фæлæ нæу сæйраг детал, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили райхъусын кодта.
Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй, Уæрæсейы уынафæйæ Гуырдзыстонмæ комкоммæ рейсытæ нæ уыд 2019 азæй.
«Уæрæсеимæ комкоммæ авиазмæлд, цалдæр ставд бæстæ ранымайдзынæн – Китай, Турк, кæцы у нæ хæлар, сыхаг бæстæ æмæ егъау падзахад стыр экономикæимæ, НАТО-ы уæнг бæстæ æмæ бæстæ кæцыйæн нырид ис Евроцæдисы каниддаты статус, Эмираттæ, Израиль, кæцы у АИШ-ы иуæй-иу номыр фыццаг стратегикон партнер æмæ мæнæн æххæстæй фæзминаг бирæ æрдгæй, кæддриддæр сæрмагонд националон политикæ уадзынц æмæ æххæст кæнын алы падздахадмæ гæсгæ, сыхы Азербайджан, Сомихыстон, алы ацы бæстæйæн абон ис Уæрæсеитмæ комкоммæ авиарейсытæ, æнæсанкцион хæдтæхджытæй. Уый тыххæй цæмæй тахтытæ нæ цауыурæд уыдысты 2019 азæй, уый фæстæ мах нæ аивдтам тахтытæ, уый уыдис æнæхъæнæй Уæрæсейы уынаффæ æмæ уый фæстæ тахтытæ нал цыдысты. Нæ æмбæстонтæ, кæцытæ балц кодтой Гуырдзыстонмæ, Белорусы кæнæ Сомихыстоны, Азербайджаны, Туркы уылты иу æрцыдысты, сахатгай æнхъæлмæ кастысты æмæ дывæр-æртывæр æхца фыстой билетты, уый у стыр дискомфорт æмæ хардз.
Уый æддæмæ ма, зонæм, цæмæй Уæрæсеимæ нын ис базарадон-экономикон ахастытæ, уый нæ хицауады сгуыхтдзинад у, цæмæй Уæрæсеимæ сног ис базарад дæр æмæ уымæ тырныдта раззаг хицауад, алцыппæт арызтой, сæрмагондæй иу æмбæлдис уырыссаг туристтимæ раздæры президент Михеил Саакашвили. Нал уæ сфæлмæцын кæндзынæн деталтæй, алчи алцыппæт дзыбæх зонут.
Уый тыххæй дæр, ацы уынаффæ махæн знон бæрæг куы ссис, нæ балы æхсæн нын уыдис уынаффæ, уый æппæтыл фæуынаффæ кодтам æмæ загътам, цæмæй тахтытæ, уæлдайдæр æнæсанкциргонд хæдтæхджытæй, у тынг хуымæтæгæй куы зæгъæм уæд, базарадон-экономикон ахастыты скæнæг хай, иу чысыл компонент, фæлæ нæу сæйраг детал. Нæ базарад Уæрæсеимæ у миллиард доллармæ хæстæг», – загъта Гъарибашвили.