Ираклий Гъарибашвили – Социалон æххуысы бæсты, кусынхъом  æмбæстæгтæн  куыстбынæттæ хъуамæ банхъарæм
Ираклий Гъарибашвили – Социалон æххуысы бæсты, кусынхъом æмбæстæгтæн куыстбынæттæ хъуамæ банхъарæм

Социалон политикæйы фæлгæтты, æххæстаздзыд,  кусынхъом  цæрджыты, нæ æмбæстæгты  фæцахуыр кодтам  мæгуырдзинадыл, æгуыстдзинадыл æмæ æнархайдыл. Не сты  мотивацигонд, цæмæй элементарон  цардуагон уавæртæ  фæхуыздæр кæной  æмæ уый у  катастрофæ, катайаг.  Мах, куыд хицауад, хъуамæ саразæм  æндиуд, архайадон къахдзæфтæ, – уый фæдыл  райхъусын  кодта Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили  хицауады  абоны рабадтыл.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ кусынхъом, социалонæй цыбыркъух  æмбæстаг нæу мотивацигонд, ног  куыст ссарын уый тасæй, ома йын паддзахад  ма байса  социалон æххуыс.

Премьеры  фидиуæнæй,   зæгъгæ арызт уыдзæн  кусæн къорд  вице-премьер Леван  Давиташвилийы  къухдариуæгæй,  кæцы  цалдæр къуыримæ  бавдисдзæн  ног  социалон  план.

«Нæ æмбæстæгты фæцахуыр кодтам  мæгуыр цардыл, æнархайдыл æмæ ацы æцæгдæр æнæбафæразгæ уавæрыл. Абоны уавæрæй,  зæгъæн ис 600 000  социалонæй цыбыркъух  æмбæстаг нын ис, уыдонæй минимум  200 000, кæд фылдæр нæ, сты кусынхъом, кæцы абоны  социалон политикæйы тыххæй  не сты мотивацигонд  куыстбынат бацагурын, кусын райдаын.  Уый æддæмæ ма,  бирæ цæвиттон ис, ома адæймаг  телевизор,  уазылгæнæн  куы балхæны, стæй сын вæйы къаддæр балттæ  æмæ фесафынц  социалон æххуыс.  Сезонон  социалон  куыст кæд ис рæувадат, уæддæр не сты  интересджын , цæмæй   кусын райдайæт  иурæстæгонæй  æндæр ран дæр æмæ сын уа  уæлдай æфтиаг.  Уый тыххæй  хъуамæ саразæм  ахæм тасгæ  системæ, æмæ иу æрдгæй,  иууыл цъус, цы æххуыс исынц, уый сын мызды хуызæй  уа, æрмæст конкретон  æхсæнадон куыстæн  æмæ  æндæр та уæлдай,  цы сæ бон у, бацагурой  æмæ  рывналой ног куыстмæ дæр.  Уый бар æмæ сæрибардзинад сын хъуамæ  уа,  дыууæ-æртæ куыст ссарын  æмæ сын фылдæр æфтиаг уа», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.