Ираклий Гъарибашвили – сабырдзинады, æнæниздзинады æмæ дзæбæхдзинады арфæтæ зæгъы  мæ нæ сабитæн  æмæ сæ бинонтæн
Ираклий Гъарибашвили – сабырдзинады, æнæниздзинады æмæ дзæбæхдзинады арфæтæ зæгъы мæ нæ сабитæн æмæ сæ бинонтæн

 

Нæ хъæбулты  хуыздæр фидæныл аудын,  сæ райрæзты, æнæниздзинады, æххæстаргъджын  æмбæстæгтæй схъомыл кæныны уавæрты  саразын  Гуырдзыстоны стынг кæныны  разæууæл  æмæ, афтæмæй  нæ  хицауады сæйраг  рард у,  –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Ираклий Гъарибашвилийы  фидиуæны  у  банысангонд.

Хицауады  сæрглæууæгы  дзырдæй,   ацы æрдæм  хицауадмæ æрбацыды фæстæ  бирæ реформæ æмæ проект сыххæст ис.

«Фарон фæдывæр кодтам  социалонæй æнæхъахъхъæд  сывæллæттæн æххуыс;  абонæй  æххуыс ноджы фæфылдæр  уыдзæн  æмæ 150  ларийы  бæрц  уыдзæн.  Программæ  215 000-æй  фылдæр  сывæллонмæ  баххæсдзæн,  кæцыйы тыххæй паддзахад  рахицæн кæндзæн  341 милуан лари.  Сывæллæтты  мæгуырдзинад фæкъаддæрæн,  сæ райрæзтæн   нæ тыхархайд  адарддæр уыдзæн æмæ стынгдæр уыдзæн.

Сабырдзинад, æнæниз æмæ  дзæбæхдзинæдты фæндтæ  сын зæгъы  нæ  чысылтæн  æмæ сæ бинонтæн мæ зæрдæ», –  банысан кодта премьер-министр.