Ираклий Гъарибашвили регионтæм фæуазæгис
Ираклий Гъарибашвили регионтæм фæуазæгис

Зондзыстут, ома æвзарæнон кампанийы рæстæджы  активонæй   зылдыстæм  алы  муниципалитетыл, сæрмагондæй  федтон  алы муниципалитет, фембæлдтæн цæрджытимæ  æмæ сын баныфсвæрдтон  тынг  бирæ проекты сыххæст, уый тыххæй дæр абон  райдыдтон  регионтæм цæуын, цæмæй  мæхæдæг фенон прогресс, куыд  цæуынц  куыстытæ, куыд  æххæст цæуынц проекттæ, æмбæлын цæрджытимæ, нæ сæйраг нысан у хъуамæ уа,  рæзынады темп  фæтагъд кæнын, æппæт бæстæйы  масштабæй  æмæ растдæр ацы нысанæн  сыххæст мæ визит абон Ачъарамæ – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили  Кобулеты  райхъусын кодта, цы ран  донбыл хаххы хæрзæфснайды  куыстыл  ахаста  цæст.

Хицауады   сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй   райдыдта   Кобулеты ног  бульвары арæзтад, кæцы фыццаг этапыл  уыдзæн иу километр дæргъæн æмæ стæй  та  суанг Бобохъваты онг.

«Хæрзæфснайд уыдзæн  ацы ареал  æмæ хъуыды кæнын, уыдзæн ног æрдæмад   туристон  цстæнгасæй.  Нæ цæрджытæн  иттæг ынсаниуæгджын у фæнысангонд территори саразын.  Уымæй  уæлдай ма, алы  муниципалитеты  цæуы  активон   куыстытæ, кæцы баст уыдзæн   урбанон   ранæуæгы  проекттимæ æмæ ацы проекттæ дæр максималонæй батагъд уыдзысты, уымæн æмæ  боныхъæд иуæй-иу  муниципалитеты  фæкуылымпы  кодта  проекты  сыххæст  темпытæн» – райхъусын кодта  премьер.