Ираклий Гъарибашвили – реформæйы фæстиуæгæн медикаментты аргъ зæгъæн ис 40%-æй фæкъаддæр уыдзæн
Реформæйы фæстиуæгæн, кæцыйæн хостыл максималон арæйнон аргъы сбæрæг кæнын у йæ нысан, медикаментты аргъ астæуккагæй 40% фæныллæгдæр уыдзæн – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили социалон хызаджы фыссы.
Афтæма йæ дзырдæй, референтон аргъ этапгай æндæр медикаменттыл дæр снысан уыдзæн.
«Ивгъуыд азы райдайæны бакодтам Турчы фармацевтон базар. Ивддзинаы фæстæ бæстæйы медикаментты аргъ 60-80%-æй фæкаддæри. Туркаг фармацевтон базары байгомы фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны цæрджытæ афæдзы мидæг 200 милуан ларийы экономи скæндзæн.
Цæрджытæн медикаменттæ рæувадатдзинад ноджы сбæрзонддæр кæныны нысанæн, райдыдтам ног ноьг реформæ, кæцыйæн йæ нысан у хостыл максималон арæйнон аргъы сбæрæг кæнын.
Референтон аргъ, фыццаг эатыпл 1300-æй фылдæр хроникон æмæ онкологион медикаментыл снысан ис.
Фармацевтон компанитæн, арæнгонд аргъæй уæлдай хос ауæй кæнын 15 февралæй бар нал уыдзæн. Реформæйы фæстиуæгæн, медикаментты аргъ зæгъæн ис 40%-æй фæкаддæр уыдзæн. Референтон аргъ этапгай æндæр медикаменттыл дæр снысан уыдзæн» – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.