Ираклий Гъарибашвили раарфæ кодта европаг æмæ америкаг партнертæн, Евроцæдисы уæнг бæстæты лидертæн æмæ сæ минæвæрттæн
Ираклий Гъарибашвили раарфæ кодта европаг æмæ америкаг партнертæн, Евроцæдисы уæнг бæстæты лидертæн æмæ сæ минæвæрттæн

 

Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ евроинтеграцийы фæндагыл  ацы аз  кæройнаг фæстиуæ уыд  кандидаты статусы райст.

Гъарибашвили  хицауады куысты иу афæдзон хыгъдлæвæрд кæсыны рæстæджы  куыд райхъусын кодта, афтæмæй,  уый  арфæгæнæг у  европаг æмæ америкаг партнертæн  фарсхæцыны тыххæй.

«Фæнды мæ спайда кæнон  цауæй æмæ  ноджы иу хатт  бузныг зæъон  нæ  европаг æмæ америкаг  хæлæрттæн,  партнертæн.  Сымах алкæй  роль  у иттæг нысаниуæгджын, иттæг нысаниуæгджын уыд  уæ алы хъæлæс, уæ фарсхæцын.  Фæнды  мæ ноджы иу  хатт бузныг зæгъын  еврокомиссийы  президентæн, æнæхъæнæй  европаг лидертæн,  цытджын Шарль Мишелæн,   Урсула фон дер Ляйенæн. Бузныг мæ фæнды зæгъын цытджын Оливер Вархейæн, кæцы  æнæхъæн азы  дæргъы нын æххуыс кодта æмæ нæ тырнынады  иуæй-иу  сегасдæр активон  фарсхæцæг уыд, кæй  зæгъын æй хъæуы 27  бæстæйы лидертæн  иууылдæр, Евроцæдисы  уæнг бæстæтæн мæ фæнды  бузныг  зæгын æмæ  сæ минæвæрттæн, кæцытæ  сты ам,  ацы  залы.  Æргомзæрдæйæ мæ фæнды бузныг зæгын  нæ  европаг  хæлæрттæн. Афтæдæр бузныг зæгын АИШ-ы  хицауадæн, сæрмагонд  бузныг  цытджын Салливанæн. Æз цалдæр къуырийы размæ, рекомендаци куы  уыдис  Еврокомиссийæ лæвæрд уæд, загътон, цæмæй  цытджын Салливан  уыдис иуæй-иу  фарсхæцæг,   европаг фæндагыл нæ бæстæйы  æнтыстæн. Уыдис мын тынг  æнтыстджын фембæлд йемæ, бирæ фарст æркастыстæм æмæ ахицæн кодтам  бирæ фарста, кæцы дыууæ бæстæйы ахастытæн æмæ нæ  бæстæмæ,  партнерадмæ æххæссы. Кæй зæгын æй хъæуы  бузныг АИШ-ы  ног минæварæн, кæцы сæрмагондæй уыдис  Брюсселы æмæ тынг  æргомзæрдæ  фарсхæцæг уыд ацы  æнтыстæн» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.