Ираклий Гъарибашвили  парламентæн хицауадон программæйы сыххæсты фæдыл  раныхас бавдыста
Ираклий Гъарибашвили парламентæн хицауадон программæйы сыххæсты фæдыл раныхас бавдыста

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили   парламентæн бавдыста хицауады программæйы  сыххæсты фæдыл    раныхас.

Документ  154 фарсджын у, кæцыйы   хицауады  къухдариуæггæнæг    закъондæттæг  органмæ  июны кæронмæ  сæрмагондæй  бавдисдзæн.  Раныхасы  райадйæны дзырд ис  евроинтеграцийы  процессыл æмæ банысангонд у, цæмæй  хицауады тыхархайдæй,  хицауадон  программæмæ æмбæлгæйæ,   дарддæр кæны   реформæты сыххæст  æмæ   паддзахады   арæзты  процесс, кæцы  бынтон  ног этапмæ схызт.

Раныхасы дзырдæуы, ома   Уæрæсе-Гуырдзыстоны  конфликты  сабырадонæй алыг кæнын, бæстæйы деоккупаци,  лигъдон цæрджыты  сабырæй  æрыздахын  æмæ  оккупацигонд  территориты æмæ сæ  алфæмбылæйтты цæрæг  æмбæстæгты  дзæбæхдзинадыл кусын  у   хицауады  иудадзыг  сагъæс  æмæ  сæйраг  приоритет.

«Активон   тыхархайд   здæхт у  алы  гæнæн  форматæй  спайдамæ, цæмæй  æхсæнадæмон аренæйыл  максималонæй  мобилизаци  уа  Уæрæсейы Федерацимæ  æхсæнадæмон æлхъывды æрдгæй.   Сабырдзинады, амайынады  æмæ æууæнк  сæндидзын кæныны нысанæн, интенсивонæй   дарддæр кæны фидыды  æмæ бастдзинады   политикæйы сæххæст», –   дзырдæуы раныхасы.