Ираклий Гъарибашвили – пандемийæ зианбавзарæг кондадтæн Гуырдзыстон Дунеон Банкæй 85 милуан евройы æххуыс райсдзæн
Абон къухбафыст уыдзæн бадзырд Дунеон Банкимæ, кæцыйы фæлгæтты, нæ бæстæмæ лавæрд уыдзæн уæлбарджын 85 милуан евройы бæрц æххуыс, пандемийæ зианбавзарæг микро, лыстæг æмæ астæуккаг кондадтæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили, хицауады рабадтыл фехуъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ проект йæ хъуыдыйы дары цырд бафидыны ног, иновацион системæ æрфидар кæнын, кæцы кондадтæн суммæтæ рæувадат скæнынæн уыдзæн тынг дзæбæх фадат.
«Фæнысангонд проектыл цæстдарынæд æххæст кæндзæн экономикæйы министрады хицауадон барады юридикон уæнг «Араз Гуырдзыстоны». Лыстæг æмæ астæуккаг кондадты стынг кæнын иуæй-иу сæйраг приоритет у æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ноджы ма æндæр ахъаззаг механизмтæ бакусдзыстæм æмæ уын банхъардзыстæм æввахс фидæны», – фехъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.